"Лæвар базыртæ": Цхинвалы ацыд хæрзаудæн фонды презентаци

© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерт æрæмбырд кодта йедзаг зал, се ′хсæн уыд республикæйы президент дæр

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Фыццаг хуссарирыстойнаг сывæллæтты фонд "Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт ацыд киноконцертон зал "Чермен"-ы.

Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лæвар базыртæ": сывæллæттæн æххуысы фонд скуыста Цхинвалы

Сæдæгай сывæллæттæ урс уæлæдарæсы фонды эмблемæимæ, клоунтæ æмæ алæмæттаг хъайтартæ æмбæлдысты уазджытыл залы фойейы. Уым ма æвæрд уыдысты аивæдты лицейы ахуыргæнинæгты нывтæ, кæцытæ уæй æрцыдысты аукционы рæстæджы.

Цхинвайлаг скъолаты ахуыргæнинæгты æмæ сывæллæтты коллективты хайадистæй хъæзныг концертон программæ бакæсынмæ æрбацыд республикæйы президент Бибылты Анатолий дæр. Йæ раныхасы паддзахады сæргълæууæг загъта бузныг фонды бындурæвæрæг Цхуырбаты Татьянайæн ахæм ахсджиаг организаци саразыны тыххæй, кæцы здæхт уыдзæн сывæллæттæн æххуыс кæнынмæ.

"Алы бæстæйы, алы горæты дæр ис ахæм фондтæ. Хуссар Ирыстоны уый у фыццаг хæрзаудæн фонд æмæ æз табу кæнын йæ бындурæвæрджытæн. Махæй алчидæр æххуыс кæндзæн сывæллæттæн. Ӕз мæхæдæг хицæн кæндзæн фæрæзтæ мæ мыздæй фондмæ, ныфс мæ ис политикон партиты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ дæр исдзысты хайад хæрзаудæн архайды. Хуыцау уын æххуысгæнæг уæт", — загъта Бибылты Анатолий.

Фонды бындурæвæрæг Цхуырбаты Татьяна загъта бузныг æрæмбырдуæвджытæн фонды архайдмæ хъусдарды тыххæй æмæ равдыста ныфс, иумæйаг тыхтæй цæрджытæн кæй бантысдзæн баххуыс кæнын уæззау рынчын сывæллæттæн.

© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Благотворительный концерт Подари крылья - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт

"Ацы фонды сырæзтæн ис æнкъард истори. Уый арæзт æрцыд ме ′ввахс æмбал Чилæхсаты Ирэнæйы ном арынæн, кæцы тох кодта онкологиимæ æмæ йæ бæллиц уыд ацы низæй рынчын сывæллæттæн æххуыс кæнын. Хъыгагæн, уый ахицæн йæ цардæй æмæ йын нæ бантыст ацы хъуыддаг саразын", — загъта Татьяна.

Уый загъта бузныг, организацийы сырæзты хайад чи райста æмæ хæрзаудæн концерт ауадзынæн чи баххуыс кодта. Уый ма банысан кодта, фæрæзтæ иууылдæр лæвæрд кæй æрцæудзысты дыууæ рынчын сывæллонæн.

© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
© Sputnik / Наталья Айриян"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
Балæвар кæн базырты хæрзаудæн концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
1/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
2/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
3/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
4/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
5/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт
6/6
"Балæвар кæн базырты" хæрзаудæн концерт

Концертон программæйы организатортæ ссисты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмон артисткæ Саппиты Зæлинæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Бибылты Сослан.

Концерты хайад райстой Хуссар Ирыстоны адæмон артист Бекъойты Вано, Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ Хæдыкъаты Алла æмæ Къаболаты Руслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0