ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Сайт РИА Новости Крым æмæ радиостанци "Спутник Хъырым" информацион агентад æмæ радио Sputnik иумæйаг проекты фæлгæтты дарддæр дæр цымыдис кæнынц, ХПӔ- бæстæты цæрджытæ цы зонынц Хъырымы тыххæй. Ацы хатт Sputnik уацхæсджытæ бацымыдис кодтой æрдæгсакъадахы тыххæй Цхинвалы цæрджытæм.
© RIA Novosti
Хуссар Ирыстоны столицæйы уынгтыл цæуджытæ радзырдтой, Хъырым фыццаджыдæр зындгонд кæй у алæмæттаг æрдз æмæ хорз адæмæй. Афтæ ма, æрдæгскакъадахы койæ бирæты зæрдыл æрбалæууыдысты Ялтæ, хур æмæ сæн. Бирæтæ дзырдтой, Хъырым кæй æрбаздæхт йæ историкон бынатмæ æмæ уый у иттæг хорз.
Афтæ ма Цхинвалы цæрджытæ æрымысыдысты, раздæр Хъырымы кæй цардысты скифтæ, кæцытæ сты ирæтты фыдæлтæ.