ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны журналисттæ æруынаффæ кæндзысты националон газетты проблемæтыл æмæ æркæсдзысты сæ рейтингы рæзты фадæттæм конференцитæ æмæ пресс-турты рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik РХИ-ы мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария.
Æмгуыстады фарстытыл дыууæ Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитетты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой ЦКФЗ-ы республикæты дзыллон информацион фæрæзты (ДИФ) форумыл, кæцы уагъд цæуы Мæхъæлы 30 ноябры – 1 декабры.
"Мах бадзырдтам æмгуыстады фæдыл Цæгат Ирыстоны мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæимæ. Ӕмгуыстады нысан уыдзæн иумæйаг конференцитæ æмæ пресс-туртæ уадзыны. Конференцитыл, кæцытæ уагъд цæудзысты Дзæуджыхъæуы дæр æмæ Цхинвалы дæр, журналисттæ уынаффæ кæндзысты сæ рейтингы рæзты фадæттыл конференцитæ æмæ пресс-турты рæстæджы", — загъта Хъотайты Мария.
Уымæй дарддæр ма, ног азæй хуссарирыстойнаг журналисттæн уыдзæн фадат сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнын Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты бындурыл.