Дунейы нымад ахуыргонд: йæ цардæй ахицæн Тъехты Баграт

© Посольство Республики Южная Осетия в Российской ФедерацииТъехты Баграт
Тъехты Баграт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргонд у 300 зонадон куысты æмæ 15 монографийы автор

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Козаты Диана. Йæ цардæй ахицæн зындгонд ирон археолог, историон зонæдты доктор, дунейы нымад ахуыргонд, профессор Тъехты Баграт.

Ахуыргонд у 300 зонадон куысты æмæ 15 монографийы автор.

Хуссар Ирыстонмæ æрæздæхдзысты музейон хæзнатæ

Уый уыд Хуссар Ирыстоны зонæдты архайæг, Абайты Уасойы номыл Цæгат Ирыстоны скифты æмæ аланты иртæстыты центры директор. Бирæ æзты Тъехты Баграт иртæста Ирыстоны истори, археологон æрмæг æмбырдгæнгæйæ.

Уый фæрцы бантыст бахъахъхъæнын бирæнымæц экспонаттæ, кæцытæ ссардтой Тилигомы зæппадзты.

Ивгъуыд æнусы 90-æм æзты уый аласта артефакттæ Цæгат Ирыстоны Национ музеймæ. Дыууæ азы размæ экспонаттæ æрыздæхтысты фæстæмæ Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ.

2015 азы Хуссар Ирыстоны ацыд зонадон конференци, кæцы нывонд уыд археологы 85 азы юбилейæн. Ахуыргонд хорзæхджын æрцыд Хæларады Орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0