ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фæсивæдон политикæйы комитет рæзгæ фæлтæры хъомылады монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты уадзы экологион акцитæ Хуссар Иры сыгъдæг бынæтты. Комитеты кусджытæ æмæ активон фæсивæд æфснайынц, адæм иууыл арæхдæр цы дзуæрттæм цæуынц, уыдон алыварс, фехъусын кодта Sputnik комитеты кусæг Гатыгкоты Валентина.
Ивгъуыд къуыри комитеты коллектив æмæ Цхинвалы бирæпрофилон колледжы ахуырдзаутæ бафснайдтой Джеры комы уæвæг Сау Дзуары алфæмбылай.
"2016-2018 æзты рæзгæ фæлтæры хъомылады монон-фæткæвæрдон программмæйы ацы аз æвæрд ис Хуссар Иры 9 сыгъдæг бынаты экологион акцитæ ауадзын. Акцитæ ауагътам Знауыры районы Гомарты Дзуары æмæ Цхинвалы районы Сау Дзуары", — радзырдта Валентина.
Экологион акцийы фæлгæтты фæсивæдон комитеты кусджытæ æмæ волонтертæ дыццæджы та бафснайдзысты Цхинвалы районы уæвæг "Мыкалгабырты" кувæндон.
"Мыкалгабыртæ" у Ирыстоны æртæ сæйраг дзуæрттæй иу, Реком æмæ Таранджелосы æмрæнхъ. Нымад цæуы, уыдон кæй сæвзæрдысты, Хуыцау Нарты Батрадзыл цы æртæ цæссыг æрæппæрста, уыдон кæм æрхаудтой, уыцы бынæтты.