Ӕртæ майданы: цхинвайлаг æрмхæцджытæ расгуыхтысты Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Фатима ПлиеваДыгъуызты Милена
Дыгъуызты Милена - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Иры фыццагады цхинвайлаг æрмхæцджытæ рамбылдтой æртæ майданы.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Цхинвайлаг æрмхæцджытæ Цæгат Ирыстоны фыццагадæй æрхастой æппæт хуызы майдантæ дæр. Хæбæлаты Арсен, Плиты Батрадз æмæ Дыгъуызты Милена юниорты хсæн рамбылдтой сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Сослан нымад æрцыд 2017 азы Уæрæсейы хуыздæр æрмхæцæгыл

Уæлахиздзауты æмæ призерты бæлвырд кодтой рахиз æмæ галиу къухты очкоты иумæйаг бæрцмæ гæсгæ.

"Хæбæлаты Арсен ссис фыццаг. Плиты Батрадз æмæ йæ ныхмæлæууæг дæр æмсæр равдыстой сæхи, фæлæ Батрадз уæззаудæр кæй у, уымæ гæсгæ йæ ныхмæлæууæгмæ æмбæлд уæлахиз, уый хыгъд ссис æвзист призер", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, Дыгъуызты Милена амæй размæ кæй райста травмæ æмæ уый тыххæй ацыд æрмæстдæр æртыккаг бынатыл.

Æнтыстджын архайд æмæ призон бынæттæ фæсивæдæн фадат радтой Уæрæсейы фыццагады стох кæнынæн. Æрмхæцджытæ ныридæгæн бавнæлдтой Уæрæсейы фыццагадмæ цæттæ кæнынмæ, кæцы уыдзæн февралы райдианы Екатеринбурджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0