Мады боны цытӕн Цхинвалы ацыд концерт

© Sputnik / Наталья АйриянМады бон Цхинвалы
Мады бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министрады актон залы хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ сӕ мӕдтӕн снывонд кодтой ралӕудтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон номыртӕ

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Диссаджы бӕрӕгбон – Мады бон – банысан кодтой Цхинвалы цытджын концертӕй. Мадзалмӕ ӕрбацыдысты хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ ахуырады министр Гасситы Натали. Уыдон раарфӕ кодтой ныййарджытӕн сӕ бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ сын загътой бузныг сӕ ахсджиаг куысты тыххӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянМады бон Цхинвалы
День матери в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мады бон Цхинвалы

Пухаты Эрик ма бузныг загъта ахуырады министрадæн концерт саразыны тыххæй æмæ радзырдта, 2018 азы цы ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсынц ныййарджытæм.

"Арфæ уын кæнын ныййарæджы боны фæдыл. Президент æмæ парламент та араздзысты æппæт дæр сабитæ цы бинонты ис, уыдон цард фæхуыздæр кæнынæн. Хицауад цæттæ кæны къорд документы, кæцытæ бандавдзысты фыццаг сывæллоны райгуырды фæдыл иухаттон фиддонты æмæ æрвылмæйон сабиты фиддонтыл", — загъта уый.

Концерты скъолаты ахуырдзаутæ сæххæст кодтой ныййарæгæн нывонд номыртæ. Алкæцы скъола дæр радзырдта, сæ ахуырадон уагдоны кæй цот ахуыр кæнынц, ахæм сгуыхт ныййарджыты тыххæй.

© Sputnik / Наталья АйриянМады бон Цхинвалы
День матери в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мады бон Цхинвалы

Мадзалы кæрон ма ныййарджытæн иу хатт раарфæ кодтой æмæ сын балæвар кодтой дидинтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0