"Бӕллицты фонтан": куыд байгом хӕрзаудӕн акци

Рафыссын
ПТРК "Ир"-ы уагъд ӕрцыд хӕрзаудӕн акцийы цытджын ӕрбаконд, кӕцыйы фӕлгӕтты сидзӕр сабитӕ ауагътой сӕ бӕллицтимӕ наутӕ фонтаны

ПТРК "ИР"-ы ногазон акци "Бæллицты фонтаны" фæлгæтты Хуссар Ирыстоны скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ фыссынц сæ ногазон бæллицты тыххæй Митын Дадамæ фыстæджытæ. Уагдоны фойейы фонтаны чысыл хъазæн наутыл ленк кæнынц сывæллæтты фыстæджытæ. Алкæцы адмæймагæн дæр ис фадат иу кæнæ фылдæр сабийæн балæггад кæнын.

Бибылты Анатолий ссис акцийы фыццаг хайадисӕг, уый ӕрцахста ӕртӕ науы сабиты фӕндиӕгтимӕ.

Ахæм хӕрзаудӕн проект Хуссар Иры фыццаг ацыд Sputnik-æн 2016 азы кæрон Цхинвалы ӕмӕ Дзауы скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0