ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Ӕфсӕддон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ӕрсидтон Чилӕхсаты Аланы фӕнӕмыны фӕдыл, фехъусын кодтой Sputnik Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.
Нады фæстиуæгæн лæппуйы бахъуыд уæззау операци, фæлæ йе 'нæниздзинадæн нырма ис тас. Цауы тыххæй ныффыста зианбаййафæджы мад Коцты Олеся йæ фарсыл социалон хыз Facebook-ы. Уый бахатыд президентмæ, цæмæй азымджынтæ æрцæуой æфхæрд.
Генералон прокуратурӕйы фехъусын кодтой, инцидент кӕй ӕрцыд 18 октябры республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центр "Барс"-ы территорийыл.
"Хылы рӕстӕджы мотоӕхсӕн взводы службӕгӕнӕг райста буары цӕфтӕ, кӕцытӕн, медицинон басгӕрстмӕ гӕсгӕ, саргъгӕнӕн ис, куыд ӕнӕниздзинадӕн астӕуккаг зиан ӕрхӕссын", — банысан кодтой Генпрокуратурӕйы.
Ӕфсӕддон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг статья "Ӕнӕниздзинадӕн астӕуккаг зиан барӕй ӕрхӕссын"-мӕ гӕсгӕ. Цауы фӕдыл уагъд цӕуы развӕлгъау басгӕрст.
Генпрокуратурӕйы ма банысан кодтой, ӕмбӕлон уынаффӕ хаст кӕй ӕрцӕудзӕн ӕрсидтонты ӕхсӕн конфликт ӕруадзӕг командӕгӕнджыты архайдӕн дӕр.
Республикӕйы хъахъхъӕнынады министрад дӕр цӕттӕ кӕны официалон куырдиат ӕрцӕугӕ цауы фӕдыл.