Цхинвалы центры ӕрцыд хӕцӕнгарзӕй кӕрӕдзи ӕхст

© Sputnik / Алексей КовалевАвтовокзал
Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хылгӕнджытӕй иу систа хӕдзӕнгарз ӕмӕ дзы фехста

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Цхинвалы автовокзалы территорийыл ӕрцыд хӕцӕнгарзӕй ӕхст. Цӕстӕйфенджытӕ Sputnik куыд радзырдтой, афтӕмӕй дыууӕ ӕвзонг лӕппуйы хсӕн, кӕцытӕй иуыл уыд ӕфсӕддон формӕ, сӕвзӕрд хыл.

"Сӕ алыварс адӕм хылгӕнджыты бафӕлвӕрдтой ахицӕн кӕнын. Хылы рӕстӕджы ӕфсӕддон формӕйы чи уыд, уый систа хӕцӕнгарз ӕмӕ дзы фехста. Фӕлӕ иннӕ балыгъд ӕмӕ амбӕхст цавӕрдӕр къулы фӕстӕ. Хӕцӕнгарз чи систа, уый стӕй сбадт йӕ машинӕйыл ӕмӕ аскъӕрдта", — радзырдтой цӕстӕйфенджытӕ.

Sputnik нырма нӕ бантыст барадхъахъхъӕнӕг органтӕй комментаритӕ райсын.

Ног хабӕртты лентӕ
0