Театр сывæллæттæн: хистæркъласонты базонгæ кæндзысты театры репертуаримæ

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль
Спектакль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гом равдысттæ арæзт цæуынц 7-11 къласонтæн

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хистæркъласонтæ фендзысты республикæйы драмтеатры репертуарæй фондз спектаклы. Гом равдысттæ ацæудзысты сæрмагонд акци "Театр сывæллæттæн"-ы фæлгæтты 8-21 декабры, фехъусын кодта Sputnik театры администратор Коцты Фатимæ.

Сабиты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕрӕгбон сабитӕн: Театр цæттæ кæны ногазон аргъау "Хъилхъус æмæ зæбулхъус"

Акци цæуы Ахуырады министрады рæзгæ фæлтæрты монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты.

"Майрæмбонæй райдайдзысты спектакльты гом равдысттæ. Дыууæ къуырийы дæргъы равдисдзысты къорд комеди æмæ трагедийы, се ʻхсæн "Хъæд", "Чарлейы мады хо", "Фандо æмæ Лис", "Бынатмæ бырæг" æмæ "Дзæнæтмæ фæндаг", — загъта Коцты Фатимæ.

Уый ма банысан кодта, гом равдысттæ арæзт кæй цæуынц 7-11 къласты ахуыргæнинæгтæн.

Гом равдысттæм хуынд цæуынц канд Цхинвалы скъолаты ахуырдзаутæ нæ, фæлæ ма районтæй дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0