ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Ленингоры районы сывӕллӕтты хӕдзар-интернаты иу сфыстой хӕлцадон продукттӕ ахӕм сывӕллӕтты хӕрдӕн, кӕцытӕ нӕ уыдысты ацы интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ, фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты Контролон-нымайӕн палатӕйы (КНП) хистӕр Гӕбӕраты Геннадий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ӕмӕ ӕндӕр фӕтхӕлдтӕ ссисты сывӕллӕты хӕдзары директор Елхъанты Заирӕйы йӕ бынатӕй сисыны аххосаг. Уый Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар-интернаты куыста 20 азӕй фылдӕр.
Гӕбӕраты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, КНП ӕрбацыд куырдиат районы прокуратурӕйӕ ахуырадон уагдоны басгӕрст ауадзыны фӕдыл.
"Уагдоны куысты сгæрсты рæстæджы рабæрæг ис фæткхалды цаутæ 156 мин сомы аргъ. Сгæрсты размæ интернаты сабиты нымæц уыд 20 фылдæр. Уыдон уым фыст уыдысты, фæлæ цæргæ æндæр бынаты кодтой. Сгарджытæ рабæрæг кодтой, уыцы сывæллæттыл дæр иу кæй сфыстой хæлцад", — загъта Гæбæраты Геннадий.
Уый ма бафтыдта, интернаты сывæллæттæ кæй ферох кодтой иронау æмæ уырыссагау дзурын æмæ ахызтысты гуырдзиаг æвзагмæ.
Хæдзар-интернаты сгæрсты хатдзæгтæ, бахахх кодта нымайæн палатæйы хистæр, адæттой прокуратурæмæ дарддæры сгæрсты тыххæй.