Уæрæсейаг телеамонæг Ирина Бреусова ауадздзæн тренингтæ ХИПУ-йы

© Sputnik / Наталья АйриянЮОГУ
ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Телеамонæг фембæлд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ, кæцы банысан кодта, йæ уроктæ кæй уыдзысты пайда æмæ цымыдисаг республикæйы студенттæн

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий райста уæрæсейаг телеамонæг, раныхасы имиджы скъолайы бындурæвæрæг, "Раныхасы техникæйы" æмæ "Публикон раныхасы дæсниады" программæтæм гæсгæ тренер Ирина Бреусовайы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Награждение преподавателей ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзæхджын кодта ХИПУ-йы ахуыргæнджыты

Фембæлды ма хайад райста ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим дæр, кæцы фæхуыдта телеамонæджы уæлдæр ахуырадон уагдоны студенттæ æмæ ахуырггæнджытæн семинартæ æмæ тренингты къуырион курс ауадзыны тыххæй.

Президент загъта бузныг Бреусовайæн æмæ равдыста ныфс, хуссарирыстойнаг студенттæн пайдахæссæг æмæ цымыдисаг кæй уыдзæн йæ лекцитæм бацæуын.

Телеамонæг банысан кодта, кæй нымайы стыр кадыл РХИ-ы кусын.

"Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лекциты фыццаг бон равдыста, фæсивæд кæй сты æргом æмæ æнцонæй цæуынц контактмæ, уыдон фæнды райсын позитив æмæ ног зонындзинæдтæ", — загъта уый.

Бреусова бахахх кодта, кæй у цæттæ дарддæры æмгуыстадмæ ХИПУ-имæ æмæ алыгъуызон факультетты студенттæн лекцитæ уадзынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0