Бибылты Анатолий: Уӕрӕсейы Конституци кӕддӕриддӕр хъахъхъӕны адӕймаджы бартӕ

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæКремль
Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕйӕн УФ Конституцийы боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Сӕйраг Закон, кӕцы райст ӕрцыд 1993 азы 12 декабры, ӕрхаста бӕстӕйы ног историйӕн ног дуг ӕмӕ ссис йӕ стабилондзинады, ӕмбӕстӕгты бартӕ хъахъхъӕныны ӕмӕ демократон райрӕзты гарант. Ууыл дзырд цӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы телы УФ Коституцийы боны цытӕн Уӕрӕсейы президент Владимир Путинмӕ.

"Ӕнӕдызӕрдыг дӕн, Уӕрӕсейы Конституци кӕддӕриддӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн адӕймаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад, уыдзӕн ӕмбӕстӕгты цардуаг фӕхуыздӕр кӕныны фидар фактор ӕмӕ ахъаз уыдзӕн уӕрӕсейаг бирӕнационалон адӕмты иудзинадӕн ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон ӕртхъирӕнты раз", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, дыууӕ бӕстӕты хсӕн хӕларадон ахастытӕ дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзысты ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг адӕмты хӕрзӕбонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0