"Растдонæн" радтой Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ продукци ласыны бар

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий æртыццæджы ауагъта рабадт инвестицион проектты фарстыты фæдыл
Бибылты Анатолий æртыццæджы ауагъта рабадт инвестицион проектты фарстыты фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр фыдызгъæлы завод йæ продукцийæ ифтонг кодта æрмæстдæр бынæттон базарады

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта фыдызгъæлы завод "Растдоны" минæварæн, компани кæй райста фадат йæ продукци уæрæсейаг базарадмæ æмæ Таможнæйон цæдисы территоримæ ласын, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий æртыццæджы ауагъта рабадт инвестицион проектты фарстыты фæдыл, кæцытæ реализаци цæуынц Хуссар Ирыстоны Инвестицион агентады æххуысæй.

Растдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Растдон" Хуссар Ирыстоны райдыдта уадзын тахынæг бынæттон дзидзайæ

"Зонын æй, кæй уæ срегистраци кодтой æмæ уын зноны бонæй кæй ис фадат уæ продукци Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтæм ласын. Арфæ уын кæнын уый фæдыл. Сымах, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ ласат гъæдджын продукт, уæ маркæ дарат бæрзонд æмвæзадыл, уымæн æмæ уый æрмæст "Растдоны" маркæ нæу, фæлæ æмткæй Хуссар Ирыстоны", — загъта президент.

Проектты реализацийы фæдыл æмбырды рæстæджы ма раныхас кодтой "Ир Базальты" (базальтон тæгтæ уадзыны фæдыл проект), "Натурпланты" (компани нывæнды минералон дон ласын) æмæ "Ирыстоны дыргъдæтты" минæвæрттæ.

Рабадты ма хицауады уæнгтæ æмæ амалиуæггæнджытæй дарддæр хайад райста Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПӔ) бæстæтимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин.

Ног хабӕртты лентӕ
0