ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Уæрæсе 2018-2019 æзты рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстонæн 4 миллиард сомы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы вице-премьер Александр Хлопонин Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы.
Хлопонин æрцыд Цхинвалмæ Уæрæсейы хицауадон делегациимæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты хайад райсыны тыххæй.
"2018-2019 азтæн инвестицион программæйы фæлгæтты цы суммæ нывæндæм рахицæн кæнын, уый уыдзæн 4 миллиардмæ æввахс. Ис фæндагон картæимæ баст фарстытæ, зæгъæм, тарифон политикæ, инфраструктурæ, фæлæ уыдæттæ иууылдæр сты кусæгон фæзилæнтæ", — загъта Хлопонин.
Бибылты Анатолий радзырдта уæрæсейаг вице-премьерæн 2015-2017 азтæн инвестпрограммæйы реализацийы тыххæй.
"Махӕн ныридӕгӕн нӕ бон у зӕгъын, 2015-2017 ӕзты инвестпрограммӕ, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, реализацигонд кӕй ӕрцыд 90%, фӕнды нӕ уый 95% онг скӕнын. Нымайын уый хорз фӕстиуӕгыл нӕ иумӕйаг куыстӕн", — загъта Бибылты Анатолий.
ӔХК-ы рабадты сæйраг фарстытæй иу суыдзæн 2018—2019 азтæн инвестпрограммæйы финанскæнынады структурæ æмæ мадзæлттæ сфидар кæнын.
Фидӕны Инвестпрограммӕмӕ хаст сты 24 мадзалы республикӕйы райрӕзты приоритетон фӕдыздӕхтытӕй, кӕцытӕ баст сты экономикӕйы реалон секторимӕ, туризмимӕ, инженерон хызӕгты арӕзтадимӕ, бастдзинадмӕ ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг социалон объекттимӕ.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Ӕхсӕнхицауадон къамис йӕ куыст кӕны 2010 азӕй фӕстӕмӕ. Рабадтытыл, кӕцытӕ ацӕуынц аз дыууӕ хатты радгай Цхинвал ӕмӕ Мӕскуыйы, дзырд фӕцӕуы республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фарстытыл.