Цхинвал, Сухум æмæ Тбилисæн нæ бантыст бадзурын тыхæй ма спайда кæныныл

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæЖенева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарсытæн нæ бантыст уынаффæ бафыссын женеваг дискусситы фæлгæтты, делегацитæй иу цæттæ кæй нæ уыд, уый аххосæй

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстон Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл женеваг дискусситыл нæ бафыстой тыхæй ма спайда кæнын фæдыл иумæйаг уынаффæ, фарсытæй иу цæттæ кæй нæ уыд, уый аххосæй, хъусын кæны РИА Новости статс-секретарь, УФ ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Григорий Карасины ныхæстæ.

"Мах 3,5 сахаты куыстам тыхæй ма спайда кæныны фæдыл иумæйаг уынаффæйы формулировкæтæ æрæмдзых кæныныл, фæлæ фарсытæй иу цæттæ кæй нæ уыд, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтам документыл ноджы бакусын. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æввахс стæм фæстиуджытæм, фæлæ ам стыр нысаниуæг ис политикон цæттæдзинадæн, ахæм уынаффæ райсыны цæттæдзинадæн", — загъта уый.

Фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт банысан кодта, уынаффæ ацы раундыл райсыны фадат кæй нæ радта гуырдзиаг делегацийы æнæконструктивон позици.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт радзырдта, Цхинвал цæмæ æнхъæлмæ кæсы Женевæйы фембæлдæй

УФ ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг ма банысан кодта, дискусситæ кæй цæуынц вазыгджынæй æмæ рæстæгæй рæстæгмæ хъуысынц уайдзæфтæ кæрæдзи адресыл.

"Фæлæ уыдæттæ иууылдæр арæзт цæуынц фæсфæды нæ, фæлæ æргомæй æмæ сты ахъаз, цæмæй нæ дунейы ацы районы (Фæскавказ –ред.) ма уал уа æхст. Цадæггай мах цайдагъ кæнæм кæрæдзийæн цыт кæныныл æмæ кæрæдзиимæ вазыгджын фарстытæ скъуыддзаг кæныныл", — бахахх кодта Карасин.

Джиоты Мурæты ныхæстæм гæсгæ, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл женеваг дискусситы радон раунд ацæудзæн 2018 азы уалдзæджы, 27-28 марты.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0