Уæй кæнын райдыдтой билеттæ Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохмæ

Рафыссын
Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тох ацæудзæн 3 февралы Сочийы

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Билеттæ ирон боксер Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы æхсæн Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS) æрдæгфиналон тохмæ райдыдтой уæй кæнын 14 декабры. Уый тыххæй 15-регион фехъусын кодта промоутерон компани "Урал Бокс промоушен"-ы директор Алексей Васильев.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
IRON: амондджын дæн, мæ тох кæй фендзысты мæ бинонтæ

"Нырма ауæй кæндзыстæм билеттæ трибунæмæ. Партермæ — чысыл фæстæдæр. Билетты оператортæ сты Ponominalu.ru æмæ Евросеть. Сæ астæуккаг аргъ у 4000 сомы. Фыццаг рæгъмæ билетты нымæц у арæнæвæрд. Тохмæ "ринг сайд секторæй" бакæсын — 90 мин сомы", — фехъусын кодта Васильев.

Промоутеры ныхæстæм гæсгæ, тох æвдыст цæудзæн дунейы сæдæйæ фылдæр бæстæйы. Уæрæсейы тох равдисдзæн телеканал "Матч ТВ".

Тох ацæудзæн Фыццаг æхсæнадæмон боксерон форумы фæлгæтты Стыр ихын галуаны аренæйыл. Ныхмæлæуды организатортæ нæ дызæрдыг кæнынц, аренæ, кæцыйæн йæ бон у райсын 13,5 мин кæсæджы, кæй уыдзæн йедзаг.

Октябры Гасситы Мурӕт нокауты арвыста польшӕйаг Кшиштоф Влодарчикы ӕмӕ рахызт турниры ӕрдӕгфиналмӕ. Йæ радон ныхмæлæууæг ссис кубæйаг Юниер Дортикос.

Ног хабӕртты лентӕ
0