"Мегафон – Хуссар Ирыстон" нæ хъавы æнæлимитон интернет саразын

© Sputnik / Наталья АйриянРоман Коврига
Роман Коврига - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иунæг чырон оператор "Мегафон – Хуссар Ирыстоны" гендиректор Роман Коврига сарæзта фæстиуджытæ афæдзæн Sputnik прес-центры

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Козаты Диана. "Мегафон – Хуссар Ирыстон" нæ хъавы æнæлимитон интернет аразын республикæйы, уымæн æмæ йæ аргъ республикæйы абоненттæн уыдзæн бæрзонд, загъта компанийы гендиректор Роман Коврига.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мегафон-Хуссар Ирыстон" къаддæрæй-къаддæр фиддонтæ хæссы бюджетмæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ абоненттæн ис фадат пайда кæнын тарифон опци "Ночной драйв"-æй.

"Дунейы иууыл егъаудæр архайджытæ æмæ мобилон бастдзинады оператортæ сæхи иуварс кæнынц ахæм практикæйæ æмæ архайынц ахæм тарифон плантæ сæхгæнын. Сусæггаг нæу, "цыппар егъау операторы", кæцытæ аразынц Уæрæсейы æргъты базарад, æрцыдысты уыцы бонмæ, оператортæн фадат кæй нал ис размæ цæуын ацы æхцатыл æмæ тарифон плантын дæлæмæ хæцгæйæ, æркодтой базарад æвзæр уавæрмæ", — загъта Коврига.

Гендиректор банысан кодта, уый кæй у глобалон экономикæ, кæцы æркодта операторты ахæм уавæрмæ.

"Мах нæ хъавæм æнæлимит аразын, уымæн æмæ уæд хъуамæ схæцæм аргъыл, уый та æрхæсдзæн зынвадæттæ нæ абоненттæн", — бамбарын кодта компанийы гендиректор.

Амæй размæ, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасан радзырдта йæ интервьюйы ӔИА "Хуссар Ирыстон абон"-æн, республикæйы кæй фæзынд ног провайдер "Юг-Телеком", фирмæ райста бастдзинады каналтæ, интернет-лæггæдтæ кæныны фæдыл куысты лицензи.

Ног хабӕртты лентӕ
0