ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы парламенты Уæлдæр палатæ майрæмбоны рабадтыл снысан кодта бæстæйы президенты æвзæрстытæ 2018 азы 18 мартмæ, хъусын кæны РИА Новости.
Уый дæтты официалон старт президентон æвзæрстагъоммæ компанийæн. Ацы скъуыддзаджы фæстæ претенденттæн сæ бон у сæ кандидатурæтæ регистраци кæнын æмæ райдайын агитаци. УФ-йы президенты æвзæрстытæ снысан кæныны хæс Конституцимæ гæсгæ æвæрд у Федерацийы советыл.
Радон президентон æвзæрстытæ Уæрæсейы ацæудзысты 2018 азы 18 марты. Президентон æвзæрстыты хайад райсыны тыххæй ныридæгæн сæ фæндон фехъусын кодтой Уæрæсейы архайгæ президент Владимир Путин, журналисткæ æмæ телеамонæг Ксения Собчак, политолог Андрей Богданов æмæ змæлд "Наши"-йы бындурæвæрджытæй иу Борис Якеменко. УФКП-йы лидер Геннадий Зюганов фехъусын кодта, президенты бынатмæ йын йæ кандидатурæ кæй раразмæ кодтой партион организацитæ иууылдæр, фæлæ æлхынцъон скъуыддзаг райсдзæн съезд. ЛДПР раразмæ кæндзæн йæ кандидаты 20 декабры съездыл, æвæццæгæн, уый уыдзæн Владимир Жириновскийы кандидатурæ.