ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвалы горæттаг поликлиникæйы бæстыхай лæвæрд æрцæудзæн инвалидтæ æмæ ветеранты службæйæн, психологон æххуысы службæйæн, афтæ ма Уæрæсейы пенсион фондæн, загъта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik офисы.
Уый банысан кодта, Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад ма кæй нывæнды ацы бæстыхаймæ ракæнын фæллой æмæ куыстифтонгады управлени, физкультурон диспансер, афтæ ма саразын ахуырадон фæзуат дохтырты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн.
Тотчиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, Цхинвайлаг поликлиникæ рынчындонон комплексы базæмæ ахæссыны тыххæй уынаффæ райст æрцыд министрады медицинон æххуысы гъæд фæхуыздæр кæныны программæйы цы приоритеттæ нысан æрцыдысты, уыдон хынцгæйæ.
"Ныртæккæ махæн нæй фадæттæ поликлиникæ æппæт æнæмæнгхъæуæг медицинон ифтонггарзæй сифтонг кæнын. Дохтыртæн сæ бон нæу пациентæн диагностикон æххуыс бакæнын рентгенон аппараты хъуагдзинад æмæ хардзон æрмæджыты иудадзыг хъуагдзинады тыххæй. Уымæ гæсгæ, куыдфæндыйæ дæр пациенты бахъæуы рынчындонмæ цæуын", — загъта уый.
Журналисттæ радтой фарст министрмæ, зæгъгæ, æндæр бæстыхаймæ ацæугæйæ кусджыты нымæц фæкъаддæр кæндзысты æви нæ. Тотчиты Георгий сдзуапп кодта, йæ бынатæй ист кæй ничи æрцæудзæн.
"Поликлиникæйы кусджытæ иууылдæр ацæудзысты ног бынатмæ, æнцойвадатдæр кабинеттæм. Ныртæккæ мах дих кæнæм кабинеттæ афтæ, цæмæй уыдон уой иууыл æнцойвадатдæр рынчынтæн", — бафтыдта министр.