Цæгат Ирмæ æрласдзысты шведаг домбайты

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстонмæ ацы къуыри хъуамæ æрласой 17 домбайы
Цæгат Ирыстонмæ ацы къуыри хъуамæ æрласой 17 домбайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сырдтæ суыдзысты ног сæрибар дзугты бындурæвæрджытæ Турмонаг тобæгонд бынаты

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстонмæ ацы къуыри хъуамæ æрласой 17 домбайы (зубр) Швецийæ, хъусын кæны РИА Новости Хъæддаг æрдзы æппæтдунейон фонды (WWF) Уæрæсейы хайад.

Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх чиныджы цæрæгойтæ: Цæгат Иры хъæддаг галты нымæц схызт 78-мæ

"Домбайтæ рацæудзысты дард фæндагыл, рахиздзысты Балтиаг денджызыл æмæ цалдæр мин километры та рацæудзысты фæндæгтыл. Сырдтæ уал фæхæццæ уыдзысты Рязаны областы Окы тобæгонд бынатмæ, цы ран сæ рауадздзысты карантинон вольертæм. Иннæ азы райдианы уыдон рарвитдзысты Цæгат Ирыстонмæ, цы ран сæ ауадздзысты хъæддаг æрдзмæ, цæмæй æрбаиу уой Кавказы уæвæг домбайты сæрибар дзугтæм", — радзырдтой фонды.

WWF-ы бахахх кодтой, 2018 азы фараст цæрæгойы, уыдон нымæцы авд шведаг домбайы, æрбынат кæндзысты Цæгат Ирыстоны Турмонаг тобæгонд бынаты, цы ран æрæвæрдзысты бындур ног сæрибар дзугæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0