Хуссар Ирыстоны сбæлвырд кæндзысты тыхджындæр богалты

© Sputnik / Наталья АйриянТурнир уæгъдибар хъæбысхæстæй
Турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон турниры хайад райсдзысты сæдæ спортсменæй фылдæр

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæудзæн æрвылазон республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, кæцы нывонд у республикæйы ацы спорты хуызы бындурæвæрæг Хъораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнæг – ССРЦ æмæ Европæйы чемпион Цхуырбаты Андрейы рухс нæмттæн. Ерысты хайадисджытæ суыдзысты сæдæ богалæй фылдæр, фехъусын кодта Sputnik республикон сывæллæтты-фæсивæды спортивон скъолайы (РСФСС) уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Бестауты Мурæт.

Ӕрыгон ирон самбисттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрыгон ирон самбисттæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин майданы

"Республикон турнир ацæудзæн 2005-2006 гуырд æмæ уыдонæй æвзонгдæр лæппуты æхсæн. Хайад дзы райсдзысты спортсментæ Цхинвал, Къуайса, Ленингор æмæ Дзауы районты спортсментæ. Уыдон сты традицион ерыстæ, кæцытæ уадзæм æрвылаз. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг суыдзæн Уæрæсейы сгуыхт тренер Джиоты Руфин", — загъта Бестауты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, турнир уагъд цæудзæн РСФСС-йы бындурыл.

"22 декабры ацæудзæн спортсменты барыны церемони, ерыстæ сæхæдæг ацæудзысты 23 декабры", — банысан кодта уый.

Турниры организатор у Уæгъдибар хъæбысхæсты республикон сывæллæтты-фæсивæды спортивон скъола, парти "Иугонд Ирыстон" æмæ РХИ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0