Хуссар Ирыстоны фæзындзæн 9 фадыджы Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæТырыса
Тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЦӔК райста уынаффæ республикæйы фараст æвзарæн фадыг саразын УФ-йы президентон æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Уæрæсейы Центрæвзæрстком райста уынаффæ саразын Хуссар Ирыстоны фараст æвзарæн фадыджы, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæгмæ æмбырды рæстæджы УФ-йы минæвар РХИ-ы Марат Кулахметов. Ӕдæппæт республикæйы территорийыл арæзт æрцæудзæн фараст æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз æрбайгом уыдзысты Цхинвалы, иннæтæ та – Знауыры æмæ Дзауы районы администрациты, Ленингоры поселок æмæ Дменисы хъæуы.

"Уæрæсейы Федерацийы минæварадыл Республикæ Хуссар Ирыстоны æвæрд ис стыр хæс – æвзæрстытæ ауадзын", — загъта Кулахметов.

Минæвар бахатыд районон администрациты сæргълæуджытæм хъæлæскæнынады процессæн баххуыс кæныны фæдыл æмæ равдыста ныфс æмбæстæгты активон позицийы фæдыл суинаг президентон æвзæрстыты.

Президент РФ В.Путин посетил парк Зарядье в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин фехъусын кодта президентон æвзæрстыты хайадисты тыххæй

Президент Бибылты Анатолий дæр æрсидт, Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры, уыдонмæ хайад райсын Уæрæсейы президенты æвзæрстыты.

"Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты 98% сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ дæр. Саразын хъæуы æппæт дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы æмбæстæгтæй чи цæры, уыдонæй алкæмæн дæр уа фадат йæ конституцион барæй – Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæсртыты хайад райсыны барæй — спайда кæнын", — загъта уый.

Фембæлды рæстæджы ма банысан æрцыд, зæгъгæ, президенты æвзæрстытæ уалдзыгон рæстæгмæ кæй æрхаудысты, Дзауы районы та ис гæнæн æмæ скæна æвзæр боныгъæдтæ, уымæ гæсгæ ацы районы æвзæрстытæ ауадзын æмгъуыдæй раздæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0