ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ дыццæджы сфидар кодтой республикæйы паддзахадон бюджет 2018 азмæ. Парламентон сессийы рабадты рæстæджы финансты министр Хæбæлаты Аза банысан кодта, сæйраг финансон документ арæзт кæй æрцыд æнæ дефицитæй.
Фидæн азы бюджеты æфтиæгты хай суыдзæн 7,7 миллиард сомы, уыдонæй 1 млрд 80 млн сомы – республикæйæн йæхи æфтиæгтæ. Уæрæсейы финансон æххуысы бæрц уыдзæн 6,5 млрд сомы. Дыууæ миллиард сомæй чысыл фылдæр рахицæнгонд æрцæудзæн 2018 азы Инвестпрограммæйы реализацийæн.
Министры ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы адарддæр уыдзæн куыстмыздтæ фæбæрзонддæр кæныны процесс, фæлæ уый нæ банысан кодта, кусджыты кæцы категоритæн æмæ цас фæфылдæр уыдзæн сæ мызд.
Хæбæлаты Азайы ныхæстæм гæсгæ, 880 милуан сомы бахардз уыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн сразыдзинæдты реализацийыл.
Депутаттæ бацымыдис кодтой, бюджеты æрбавдисгæ варианты нымад кæй не ′рцыдысты парламенты профессионалон бындурмæ рахызты фæдыл хæрдзтæ. Министр уый фæдыл загъта, документмæ æнæмæнгхъæуæг барастгæнинæгтæ хаст кæй æрцæудзысты 2018 азы январы кæрон.
"Ис ма нын бæлвырд резервтæ, ис нын фадат рацаразын бюджеты хардзгæнæн хай. Ӕмæ астæуккаг æмæ чысыл амалиуæгады уæлбар кредиткæнынад, профессионалон парламент дæр ссардзысты уым бынат", — загъта министр.
Уый ма хауы тæрхондон системæйы рацарæзт æмæ Конституцион тæрхондон саразыны фæдыл хæрдзтæм дæр.
Парламентон сессийы куысты хайад райста премьер-министр Пухаты Эрик æмæ къорд министрæдты къухдариуæггæнджытæ.