ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ уадзы басгæрст Цхинвалы 17-аздзыд чызджы мæлæты факты фæдыл, трагеди æрцыд къуырисæры изæрæй Джиоты Аланы проспектыл хæдзæрттæй иуы.
"18 декабры 21:50 сахатыл республикон рынчындонмæ æнæ царды миниуджытæй бахауд горæт Цхинвалы 2000 азы гуырд цæрæг чызг", — загътой Sputnik генералон прокуратурæйы.
Мæлæты аххосæгтæ сбæлвырд кæныны тыххæй нысангонд æрцыд тæрхондонон-медицинон æмæ биохимикон иртасынад, уый фæстиуджытæм гæсгæ райст æрцæудзæн æмбæлон процессуалон уынаффæ.
Уынджы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, чызг амард сыгъдхъæстæйæ.