ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембæлд Уæрæсейы генералон прокурор Юрий Чайкаимæ УФ-мæ йæ кусæгон визиты фæлгæтты, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй визиты фæлгæтты Бибылты Анатолий нывæнды фембæлын уæрæсейаг министрæдтæ æмæ ведомствæты сæргълæуджытимæ, кæцытимæ æруынаффæ кæндзæн æмгуыстад æмæ æмархайды фарстытыл.

РХИ-ы генералон прокуратурæ æмæ УФ-йы генералон прокуратурæйы минæвæртты фембæлды рæстæджы бафыст æрцыд 2018-2019 азтæн уголовон хъуыддæгты фæдыл барадон æххуысы къабазы дыууæварсон æмгуыстады программæ, кæцы рагхыгъд кæны иумæйаг мадзæлттæ уадзыны нывæзт æхсæнведомствæйон æмгуыстады алыгъуызон категориты.
Æмгуыстады фæдыл меморандумыл хуссарирыстойнаг фарсы æрдыгæй йæ къух бафыста РХИ генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Уæрæсейы æрдыгæй та – УФ-йы генералон прокурор Юрий Чайка.

Бибылты Анатолий банысан кодта æвæрццаг фæстиуджытæ уголовон хъуыддæгты равзæрсты, кæцытæ РХИ генералон прокуратурæ арвыста уæрæсейаг коллегæтæм, РХИ территорийыл фыдракæндтæ цы гоймæгтæ сарæзтой, уыдон фæдыл.
Ацы категорийы уголовон хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы слестгæнæн органтæ æрцахстой исадтæ, Хуссар Ирыстоны бюджетæн бакæнгæ зиан баххæст кæныны нысанæн.