00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
60 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
17:00
4 Мин
17:30
4 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Мидхъуыддæгты министр радзырдта дисциплинæйы тыххæй куыстæй сисыны цаутыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь
РХИ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддæгты органты кусæджы цыфæнды уæлдай архайд дæр æппæрццагæй æндавы барадхъахъхъæнæг системæйыл, фехъусын кодта Наниты Игорь

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ацы аз Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органтæй сæ куыстæй суæгъд кодтой 28 кусæджы кусæгон дисциплинæ фехалыны тыххæй, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы республикæйы мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, МХМ-ы сæрмагонд æдасдзинады управлени ауагъта 75 службæйон равзæрсты, сæ фæстиуджытæм гæсгæ цалдæр кусæджы райстой æфхæрд æмæ карз æфхæрд.

Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мидхъуыддӕгты министр: ӕхсты хайадисджыты фӕрсынц прокуратурӕйы

"Хъыгагæн, уыд бынат службæйон дисциплинæйы фехæлдæн, фæлæ МХМ-ы къухдариуæгад уыдоныл не сразы уыдзæн. Алы фæткхæлдмæ дæр ис лæмбынæг хъусдард, алы цауы фæдыл дæр хисæрмагонд æдасдзинады управлени уадзы кусæгон басгæрст. Хъуыддæгтæ арæх бацæуынц генералон прокуратурæмæ уголовон хъуыддаг бакæныны нысанæн", — загъта министр.

Уый радзырдта, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ кæй уыдысты æрæджы Вокзалгæрон уынгыл цы æхст уыд, уый фигуранттæ. Уый фæдыл цæуы равзæрст, ныртæккæ МХМ-ы æртæ кусæджы иуварс æрцыдысты сæ куыстæй.

Министр банысан кодта, мидхъуыддæгты органты кусæджы барады ныхмæ цыфæнды архайд дæр æппæрццагæй кæй æндавы барадхъахъхъæнæг системæйыл æмæ "цас сыгъдæгдæр сты МХМ-ы рæнхъытæ, уас бæрзонддæр у æууæнк барадхъахъхъæнæг органты куыстмæ".

"Алцы рагацау нæ дзурдзынæн, фæлæ кусджытæй кæйдæрты суæгъд кæндзысты сæ куыстæй диспансеризацийы фæстиуджытæм гæсгæ, афтæ ма уыдон сгардзысты æнæмедицинон препараттæй пайдакæнынады фæдыл", — загъта Наниты Игорь.

Ног хабӕртты лентӕ
0