Хуссар Иры гимнасткæтæ райстой 11 хорзæхы "Горянка"-йы

© Sputnik / Наталья АйриянАивадон гимнастикæ
Аивадон гимнастикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны командæ æвдыст уыд 11 спортсменкæйæ

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Этери. Хуссар Ирыстоны гимнасткæтæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин майданы аивадон гимнастикæйæ æрвылазон гом фыццагад "Горянка"-йы, фехъусын кодта Sputnik РХИ-ы эстетикон æмæ аивадон гимнастикæйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема.

Парламент, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хъæуы разæнгард кæнын чемпионты: Хуссар Иры парламент кусы ног законыл

Турнир уагъд цыд 14-17 декабры Цæгат Ирыстоны, йæ хайадисджытæ сситы 300 гимнасткæйы Уæрæсейы регионтæй.

"Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой – Кокойты Диана, спорты мастертæм кандидаты программæмæ гæсгæ, æрыгæтты æхсæн фыццаг бынæттæ бацахстой Пухаты Алана, Саулохты Анастасия æмæ Мамиты Елизавета. Нæ чызджытæ сæхи равдыстой тынг æмбæлон æмвæзадыл", — радзырдта спортсменкæты тренер.

Турниры æвзист призертæ ссисты: Плиты Виктория, Цхуырбаты Милена, Цъæхилты Вероника, Хуыбылты Анастасия, Харебаты Елизавета æмæ Гæбæраты Аделина.

Ӕртыккаг бынат та бафтыд Гуылдаты Валерияйы къухты.

Ног хабӕртты лентӕ
0