Хуссар Ир ӕмӕ Днестргӕроны хсӕн хӕларады бадзырд бацыд йӕ тыхы

© МИД РЮОХуссар Ир ӕмӕ Днестргӕроны хсӕн хӕларады бадзырд бацыд йӕ тыхы
Хуссар Ир ӕмӕ Днестргӕроны хсӕн хӕларады бадзырд бацыд йӕ тыхы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады уагъд ӕрцыд РХИ ӕмӕ ДМР хсӕн бадзырды ратификацийы тыххӕй грамотӕты баивды церемони

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Днестргӕрон Молдаваг Республикӕйы дипломатон уагдӕтты минӕвӕрттӕ майрӕмбоны, 22 декабры, баивтой Хӕларады ӕмӕ ӕмгуыстады ӕхсӕнпаддзахадон бадзырды сратификацийы тыххӕй грамотӕтӕ, фехъусын кодтой фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ).

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент сратификаци кодта Днестргӕрон республикӕимӕ бадзырд

Бадзырд бафыстӕуыд Цхинвалы 2016 азы 20 сентябры, уый рагхыгъд кӕны дыууӕ бӕстӕты ахастыты райтынг политикон, базарадон-экономикон, социалон-гуманитарон ӕмӕ къультурон къабӕзты.

"Бадзырды сратификацийы тыххӕй грамотӕты бавиды фӕдал протокол бафстой Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Цхуырбаты Андрей ӕмӕ Хуссар Иры Днестргӕрон республикӕйы официалон минӕварады хистӕр Коцты Егор", — банысан кодтой ФХМ-ы.

Бадзырд йӕ тыхы бацӕудзӕн ратификацион грамотӕты баивды бонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0