Хуссар Ирыстоны нырма дæр нæй рухс æмæ æддагон дунеимæ бастдзинад

© МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндагон службæтæ æмæ энергетиктæ кусынц сæвзæргæ проблемæтæ аиуварс кæныныл, фæлæ нырма зын дзурæн у, республикæйы ногæй кæд фæзындзæн рухс æмæ кæд сæндидздзæн фæндагон бастдзинад Уæрæсеимæ

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Дарддæр цæуынц Транскавказаг автомагистраль митæй ссыгъдæг кæныны фæдыл куыстытæ, фæлæ нырма зын зæгъæн у, кæд байгом уыдзæн трассæйыл транспортон змæлд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ УУМ-ы пресс-службæйы.

Транскавказаг автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы, сабатæй фæстæмæ у æхгæд, тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуыны тасы аххосагæй.

"Транскамы цæгатирыстойнаг фадыгыл фæндагон службæтæ æмæ ирвæзынгæнджытæ абон æрæвнæлдтой мит сыгъдæг кæнынмæ. Хуссар Ирыстоны æрдыгæй фæндаг ссыгъдæг кодтой хуыцаубоны, фæлæ та стæй ногæй æруарыд мит æмæ та ныртæккæ уым ногæй цæуынц куыстытæ", — радзырдта уагдоны минæвар.

Цæгат Ирыстоны УУМ-ы информацимæ гæсгæ, Транскаммæ æввахс къулдымтыл миты æмбæрзæны бæрзæнд иу метрæй фылдæр кæй у, уый ссис зæйты æрцыды аххосаг. Æвзæр боныгъæды тыххæй нæй фадат зæйцæуæн бынæттæ фехсын дæр, фæлæ уæддæр фæндаг сыгъдæг кæнынц дарддæр.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: Хуссар Ирыстоны нæ кусынц сабидæттæ

Ведомствæйы ныхæстæм гæсгæ, фæндаг иууыл къаддæрæй уыдзæн æхгæд къуырисæры изæрмæ.

Уавæр ма вазыгджын у Хуссар Ирыстоны электроифтонгадимæ дæр. Республикæ аззад æнæ рухсæй сабаты бонæй тыхджын митуарды тыххæй, кæцы ныскъуыдтæ кодта электрохызæджы хæххытæ.

Энергетиктæ ссардтой æмæ сцалцæг кодтой цалдæр скъуыды, фæлæ иу сæ рухс куы рауагътой, уæд иу республикæйы не фæзынд электроэнерги, уый та дзурæг уыд æндæр скъуыдтыл. Цал скъуыд сты, уый зæгъын никæй бон у. "Энергоресурс"-ы къухдариуæгад къуырисæры райсомæй уыд æнæбафтгæ комментаритæн.

Уыимæ иумæ, электроифтонгадимæ баст проблемæты аххосæй Хуссар Ирыстоны нæ кусынц сабидæттæ. Рынчындон æмæ паддзахадон уагдæтты куыст ифтонг цæуы автономон генераторты хъомыстæй. Хъармгæнæн системæтимæ проблемæтæ сæвзæрд Цхинвалы æмæ республикæйы цæрджытæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0