Дыууæ æрыгон чызджы фæмард сты аварийы Дзæуджыхъæумæ æввахс

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæТагъд æххуыс æмæ полици
Тагъд æххуыс æмæ полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæмардуæвджыты æхсæн разынд хуссарирыстойнаг 18-аздзыд чызг

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Мæлæтдзаг фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) æрцыд 23 декабры 23:00 сахатыл, Хидыхъусы хъæумæ æввахс, хъусын кæны 15 регион Цæгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Автомашинæ "Шевроле Авео"-йы шофыр нæ сырæхстис машинæ скъæрын æмæ уый ныххауд кюветы.

ФТЦ-ы фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ æрыгон сылгоймаджы, се ′хсæн – Хуссар Ирыстоны 18-аздзыд æмбæстаг, кæцы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы. Шофыр уæззау уавæры алыгъуызон цæфтимæ ис рынчындоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0