ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Уæрæсе рахицæн кæндзæн Хуссар Ирыстонæн 25 мегаваттæн газытурбинæйон генератор, кæцы ратдзæн альтернативон энерги уæлвæткон уавæры рæстæджы, загътой президент æмæ хицауады пресс-службæйы.
Республикæ цыппæрæм суткæ у æнæ рухсæй, Хуссар Ирыстонмæ рухс цы электрохаххыл цæуы, уым авари кæй æрцыд, уый аххосæй.
"Уæрæсейы хицауад дары йæ контролы бын республикæйы сæвзæргæ уæлвæткон уавæр æмæ аскъуыддзаг кодта рахицæн кæнын 25 мегаваттæн газытурбинон генератор, куыд энергийы альтернативон ратæдзæн уæлвæткон уавæрты рæстæджы", — загътой пресс-службæйы.
Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, УФ-йы вице-премьер Александр Хлопонинæн ис иудадзыг бастдзинад хуссарирыстойнаг премьер Пухаты Эрикимæ, йæ хъус дары уавæрмæ æмæ цæттæ у алыварсон æххуыс бакæнын авари аиуварс кæнынæн.
Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрады ведомствæйы сæргълæууæг Лев Кузнецовы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд æмбырд Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæнын фарстыты фæдыл.
Хицауады сæргълæууæг Пухаты Эрик фехъусын кодта, дыццæджы Пятигорскæй кæй ратæхдзæн вертолет, кæцы басгардзæн электромагистралы аварион фадыг Дзомагъгомы уæлæмхас фескъуыдтæ рафæлгъауынæн.
Цалцæггæнджытæ ныридæгæн ссардтой фондз аварийы бынат электрохызæгыл, цыппар дзы сцалцæг кодтой, уагъд цæуынц куыстытæ фæндзæм авари аиуварс кæныныл, кæцы ис зынвадат бынаты.