Сыгъд машинæйы хицау радзырдта уæлвæткон цауы йæхи верси

Рафыссын
Инцидент æрцыд къуырисæры æхсæвы Хуссар Ирыстоны столицæйы центры

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Козаты Диана. Машинæйы срæмыгъдæн Цхинвалы нæй криминалон бындур, нымайы автомашинæйы хицау – популярон кафе "Vincenzo"-йы хицау Уалыты Альберт.

Инцидент æрцыд къуырисæры æхсæвы горæты центры. Автомашинæ нырма ссыгъд, уый фæстæ та спырх. Цау бахауд видеомæ æмæ апарахат соцхызæгты. Уавæр æвзарынц барадхъахъхъæнæг органтæ.

Машинæйы срæмыгъды кадртæ Цхинвалы центры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры машинæйы срæмыгъды кадртæ

"Машинæ лæууыд театры бæстыхайы раз. Уыцы рæстæджы мæхæдæг уыдтæн хæдзары сывæллæттимæ, машинæ та авæрдтон кафейы кусджытæй иумæ. Куыстмæ цæуынмæ хъавыдтæн, куы мæм фæдзырдтой æмæ мын куы фехъусын кодтой машинæйы басыгъды тыххæй", — радзырдта Альберт.

Амалиуæггæнæг банысан кодта, кæй фехъуыста алыгъуызон верситæ машинæйы басыгъды фæдыл, фæлæ йæхæдæг нымайы, машинæ кæй басыгъд æнæнхъæлæджы, ис гæнæн æмæ цавæрдæр техникон хъæндзинады тыххæй.

"Машинæйы уыдысты мæ документтæ иууылдæр, уыдон нымæцы паспорттæ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0