Изæрмæ æгас республикæ ифтонг æрцæудзæн электроэнергийæ

© Sputnik / Ада БагианДорожный знак "Знаурский район"
Дорожный знак Знаурский район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знауыры район æмæ Цхинвалы районы иу хай нырма дæр сты æнæрухсæй

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æппæт территори дæр ифтонг æрцæудзæн электронон рухсæй æртыццæджы изæрмæ. Рухсæй хъуагдзинад нырмадæр æвзарынц Знауыры район æмæ Цхинвалы районы иу хай, фехъусын кодта Sputnik "Энергоресурс"-ы директоры хæдивæг Гæбæраты Анатолий.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Ирмæ рухс хъуамæ радтой абон

Дыццæджы цалцæг æрцыд Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ рухс цы электрохаххыл цæуы уый, фæлæ электроэнерги æппæт республиæйыл не ʻххæсы — Знауыры район æмæ Цхинвалы районы иу хай нырма дæр сты æнæрхусæй.

"Дзауы районы ма иу хахх цалцæг цæуы ныридæгæн, уый куы баиу кæнæм, уæд электроифтонгад аххæсдзæн республикæйыл. Абон изæры уырдæм дæр ратдзыстæм рухс", — загъта Гæбæраты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны æртæ боны дæргъы цард æнæрухсæй. Ӕдæппæт цалцæггæнджытæ ссардтой фондз авари электрохызæгыл, уыдон иууылдæр æрцыдысты иуварсгонд. Республикæйы электроифтонгад сæндидзыдта дыццæджы 17:00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0