ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы æртыццæджы бакодтой сæйраг Наз бæлас. Сæдæгай сабитæ æрæмбырд сты республикон фæзуатмæ, ирхæфстой сæ 27 Митын Дада, Митæтæ æмæ аргъæутты хъайтартæ.
Фæзуаты сæйраг Наз бæласы æрбаконд æмæ Митын Дадаты æрбацыдмæ æнхъæлмæ кастысты сабитæ. Ирхæфстой сæ культурæйы министрады хуынд дзæуджыхъæуккаг сфæлдыстадон къорд. Уый фæстæ ногазон бæрæгбонмæ æрбамбал сты 27 Митын Дадайы. Наз бæласы алыварс сарæзтой симгæ кафттæ.




Сабитæ æрхъула кодтой Минтын Дадатыл — алчидæр архайдта кæлæнгæнæджы хызынæй йæхицæн адджинæгтæ ракуырын. Сценæйыл кафт æмæ зарды номыртæ сæххæст кодтой ахуырдзаутæ сæхæдæг дæр.
Уый фæстæ сабиты ахуыдтой ПККЗ "Чермен"-мæ, цы ран ацæудзæн дзæуджыхъæуккаг сфæлдыстадон къорды гом равдыстытæ. Уыдон ам архайдзысты цалдæр боны дæргъы. Сабитæн равдисдзысты "Приключения Спанч Боба", "Маша и Медведь" æмæ "Кавказское новогоднее приключение".

Ацы аз столицæйы хицæуттæ республикон фæзуаты сæвæрдтой ног рæсугъд кæнгæ Наз бæлас. Ивгъуыд аз уым æрфысым ис удæгас Наз Дзауы районæй, уæдмæ-иу сæйраг Наз бæлас уыд конусхуыз кæнгæ мæгуырау бæлас.