ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цæрæг иваргонд æрцыд 10 мин сомæй арæнгæрон зонæмæ бахизæны информацион нысан кæй фехæлдта, уый тыххæй, хъусын кæны ПӔК пресс-службæ.
ПӔК информацимæ гæсгæ, нысан хъыгдард æрцыд ноябры райдианы Къозы хъæумæ хæстæг, районы Мидхъуыддæгты министрады районон хайад ссардта зылынджыны, уый фæстæ уый иваргонд æрцыд – бафыста информаци хæссæг нысаны аргъ — 10 500 сом.
ПӔК пресс-служба хъусдард здахы, информацион нысæнтæ æвæрд стыХуссар Ирыстоны законмæ гæсгæ æмæ хатынц арæнгæрон зонæйы законы домæнтæ æххæт кæнын.