ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йæ барамындæй сфидар кодта ног бæрæгбон — Финансисты бон, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Барамынды дзырдæуы, Финансисты бон нысан цæуыдзæн æрвылаз 8 сентябры.
Финансисты бон Уæрæсейы дæр нысан цæуы 8 сентябры, датæ фидар æрцыд УФ президенты фæндонæй 2011 азы.