Хуссар Ир сæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн уадзæн пунктты куыст æруромдзысты æртæ боны æмгъуыдмæ

ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн паддзахадон арæн сæхгæндзысты Ног азы хæдразмæ, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Уагдоны банысан кодтой, фæхуымæтæгдæргонд режимы уадзæн пунктты сæхгæд баст у ногазон бæрæгбæтты рæстæджы æдасдзинады бахъахъхъæныны мадзæлттæ фæтыхджын кæнынимæ. Арæн сæхгæндзысты 31 декабры 21.00 сахатыл.

Уадзæн пункттæ скусдзысты 2 январы 6.00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0