ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Мæскуыйы клиникæтӕй иуы ног протезтæ сæвæрыны фæстæ Цхинвалмæ æрыздæхт Колыты Инал. Нӕлгоймагӕн йӕ цин у ӕгӕрон — бирӕ фыдӕбӕтты фӕстӕ уый ногӕй ахуыр кӕны ӕдӕрсгӕйӕ цӕуын йӕ ног "къӕхтыл".
Sputnik ма ӕрӕджы фыста ӕвзонг нӕлгоймаджы уӕззау хъысмӕтыл. Ацы хъабар йӕхимӕ аздӕхта бирӕ адӕмы хъусдард, кӕцыты фӕндыд фӕдаргъ кӕнын се ‘ххуысы къух бӕллӕхы бахауӕн лӕппумӕ.
Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Инал 2004 азы Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвалы цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст. Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй сӕ сæрæмгонд службæтæ спырх кодтой Иналы хӕдтулгӕ 2008 азы марты. Ӕвзонг лæппу террористон акты фæстиуæгæн фесæфта йæ дыууæ къахы дæр, райста уæззау цæфтæ.
Фæстæдæр, уæды президент Кокойты Эдуарды фæрцы Иналӕн æвæрд æрцыдысты протезтæ, фæлæ уал азы фæстæ уыдон хъуыд ивын. Мæскуыйаг клиникæты ног протезты аргъ лæууыд милуан сомæй фылдæр, Колыты бинонтæм та уый бæрц фæрæзтæ нæ уыд. Уæззау уавæрæй рахызтысты президент Бибылты Анатолийы æххуысæй.
"Ивгъуыд азы кæрон мын рахицæн кодтой 1 милуан æмæ 313 мин сомы ног протезтæ сæвæрынæн æмæ афæндараст дæн Мæскуыйы клиникӕтæй иумæ. Цалдæр къуырийы баззадтæн уым æмæ ног азы размæ æрыздæхтæн Цхинвалмæ ног протезтимæ. Мӕ къæхтæ нал риссынц, ныр мын æнцондæр у цæуын. Фыццаг æнхъæлдтон, ногæй мæ бахъæудзæн ныццæуын, фæлæ сыл бонæй-бонмӕ хуыздӕр ахуыр кæнын цӕуын", — радзырдта Инал.
Иналы уæззау уавæримӕ иу чи базонгæ, уыдонӕй бирæты бафæндыд истæмæй фæкæсын лӕппумӕ, йæ мыггаг бакодта хыгъд лӕппуйы номыл æмæ йын æххуыс кæнынц, кæмæн куыд йæ бон у афтæ. Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, протезтӕ раивынӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг финансон фæрæзтæ уӕддӕр не ʻрымбырд уыдаид.
"Бирæ адæмы фæндыд мæнæн баххуыс кæны — ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, нæ районы депутат, президенты администраци, æгæрыстæмæй фæсарæнты цæрæг ирон адæм дæр. ПӔК дæр мæм сæ хъус дардтой, фæлæ ахæм стыр суммæ æрæмбырд кæнын нæ бантыстаид. Бахъуыдаид мӕ æнхъæлмæ кæсын бирæ æзтæ, президент мын куыннæ баххуыс кодтаид, уæд. Бузныг дæн, йе ʻххуысы къух мӕм чи фæдаргъ кодта, уыдонæй алкӕмӕй дӕр", — бафтыдта уый.
Ног азы хæдразмæ ма Колыты Иналмӕ ӕнхъӕлмӕ каст ноджы иу лӕвар — Сырх Дзуары Ӕхсæнадæмон комитеты бынæттон мисси йын балхæдта инвалидон коляска.
"Мæскуыйæ куы рцыдтæн,уæд æрыййæфтон инвалидон коляска. Протезтæн хуылыдз кæнын нæй гæнæн æмæ мын ваннамæ цæуынæн уый у æнæмæнгхъæуæг", — загъта уый.
Ныр Инал ӕвӕллайгӕйӕ архайы, цæмæй рцахуыр уа ног протезтыл æдæрсгæйæ цæуын.
"Архайын цӕуын, æрзилын уынгыл. Ныфс мæ ис, фæстæдæр кӕй уыдзæн ноджы хуыздæр. Тынг æнæхъæлмæ кæсын сæрдмæ, чизоны та раздӕрау ацæуон хæхтæм дӕр", — балхынцъ кодта уый.