ДАР æмæ Хуссар Ир æмгуыстад кæндзысты финансон æмæ æфсæддон къабæзты

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий январы райдианы уыд официалон визитимæ Донецкаг адæмон республикæйы

ЦХИНВАЛ, 11 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг Адæмон рсепубликæ аразынц æфсæддон æмæ банкон къабæзты ææмгуыстады фæдыл документтæ, фехъусын кодта цыппæрæмы журналисттæн ДАР-ы сæргълæууæг Александр Захарченко.

Бибылты Анатолий уыд æфсæддон архæйдтыты бынаты Донецкы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий уыд æфсæддон архæйдтыты бынаты Донецкы

"Уыд дыууæ нысаны (РХИ Президент Бибылты Анатолийы визитæн Донецкмæ январы райдианы — ред.), дыууæ дæр æнтыстджынæй скъуыддзаг æрцыдысты. Уый иунæгæй не ′рцыд – æрцыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министримæ. Бацæттæ кодтам документты пакет æмæ уыдон ныридæгæн æрвыст æрцыдысты ДАР-ы Адæмон совет æмæ РХИ-ы Адæмон советмæ æрæмдзых кæныны тыххæй", — загъта Захарченко.

Республикӕйы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, документтӕ рагхыгъд кӕнынц дыууӕ рӕспубликӕйы хсӕн ӕмгуыстад ӕфсӕддон фадыджы ӕмӕ банчы сферӕйы.

"Ацы документтыл ныридӕгӕн куст цӕуы ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бафыст ӕрцӕудзысты ӕввахс рӕстӕджы", — бафтыдта ДАР-ы сӕргълӕууӕг.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

2016 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0