Уæрæсейаг æфсæддонтæ спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй Хуссар Иры

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй Хуссар Иры
Уæрæсейаг æфсæддонтæ спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæхгæ аппараттæй спайда кæндзысты хæххон æмæ хъæдджын бынæтты ахуырты рæстæджы, куыд боныгон, афтæ æхсæвыгон дæр

ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik. Иу минæй фылдæр уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæджы исынц хайад быдырон ахуырты æнæпилотон хæдтæхджытæй спайда кæнгæйæ Хуссар Ирыстоны "Дзарцъемы" полигоны, хъусын кæны РИА Новости ХӔЗ-ы пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Снайпер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдыдтой уæрæсейаг снайперты зынгæхстимæ ахуыртæ

"Хуссар Ирыстоны уæвæг Хуссар æфсæддон зылды уæрæсейаг æфсæддон базæйы полигон "Дзарцъем"-ы иу минæй фылдæр æфсæддон службæгæнæджы æрæвнæлдтой быдырон ахуыртæм æнæпилотон тæхгæ аппараттæй спайда кæнгæйæ. Полигоныл дæлхайæдты командирты цæстдарды бын æфсæддон службæгæнджытæ бæрзонддæр кæндзысты сæ цæттæдзинад хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæйæ спайда кæнгæйæ", — фехъусын кодта пресс-службæйы хистæр Вадим Астафьев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырты рæстæджы активонæй спайда кæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппараттæй "Застава", "Гранат", "Орлан" æмæ "Леер", кæцыты руаджы уыдон цайдагъ кæндзысты техникæимæ архайын, уадзын басгæрст æмæ мæнг ныхмæлæууæджы æфсæддон объекттæ æхсты бын кæнын, афтæ ма экипажыл командæ кæнын.

Астафьев ма бафтыдта, ахуыртæ уагъд кæй цæудзысты хæххон æмæ хъæдджын бынæтты, куыд боныгон, афтæ æхсæвыгон дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0