ЦХИНВАЛ, 15 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта премьер-министр Пухаты Эрикæн бакусын 25 мегаваттон газытурбинæйон генератор æрласын æмæ сæвæрыны фарстыл, кæцы республикæйæн рахицæн кодта Уæрæсе, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
"Пухаты Эрик фехъусын кодта президентæн, ацы фарсты хицауад æмгуыстад кæй кæны Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадимæ", — банысан кодта Гасситы Дина.
Генератор у æнæмæнгхъæуæг Хуссар Ирыстонæн, куыд энергийы альтернативон ратæдзæн æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæджы. Уый Уæрæсе рахицæн кодта Хуссар Ирыстонæн ивгъуыд азы кæрон, электрохызæгыл æрцæугæ аварийы аххосагæй республикæ æнæхъæн цыппар боны æнæрухсæй куы аззад, уый фæстæ.