Йæ цардæй ахицæн зынгæ фыссæг æмæ ветеран Мæргъиты Къоста

© facebook/Ир.Ис!Мæргъиты Къоста
Мæргъиты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ гоймагимæ хæрзбон кæныны церемони ацæудзæн дыццæджы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны йæ цардæй ахицæн  96-аздзыдæй зындгонд ирон поэт, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты хайадисæг, дзæвгар хорзæхты кавалер Мæргъиты Къоста. Зындгод гоймагимæ хæрзбон кæныны церемони ацæудзæн дыццæджы Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Мæргъиты Къостайы бавæрдзысты бинонтæ. Нырма скуыддзаг нæу, цы ран ссардзæн йе 'нусон бынат фыссæг — йе ʻмкъайы цур Згъудеры уæлмæрды, науæд та Хуссар Ирыстоны зындгонд гоймæгты пантеоны.

"Ирон аив литературæйыл æрцыд уæззау зиан — йæ царды 96-æм азы не ʻхсæнæй фæхъуыд зындгонд ирон поэт. Мæргъиты Къоста литературон архайдæй дарддæр уыд Фыдыбæстæйон Стыр хæсты æцæг хайадисæг, рацыд хæст йæ райдайæнæй кæронмæ, уыд Фыдыбæстæйон дзæвгар хорзæхты кавалер, Дæс азы дæргъы разамынад лæвæртта Фысджыты цæдисæн", — загъта Хъазиты Мелитон.

Мæргъиты Иосифы фырт Къоста райгуырд 1922-æм азы, сусæны мæйы 15-æм бон, Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Мимилойы комы. 1941-æм азы Аунеуы астæуккаг скъола каст куы фæци, æмæ йæм Сырх Æфсады рæнхъытæм куы æрсидтысты, уæд ын, бирæ ирон поэттау, хæсты быдыры удмарæн бонтæ æрмæст царды скъола нæ уыдысты, фæлæ æгъатыр царды æгъатыр рæстдзинад, стæй литературæ хуыздæр банкъарыны скъола дæр.

Къоста хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстон хæсты II-аг къæпхæны (1985-æм аз), Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады (2002-æм азы) æмæ Хæлардзинады (2007) ордентæй, "Хъæбатырдзинады тыххæй" (1944-æм аз), "Варшавæ ссæрибар кæныны тыххæй" (1945-æм аз), "Германыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй" (1945-æм аз), стæй бирæ æндæр юбилеон майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй.

Лæвæрд ын æрцыд культурæйы сгуыхт кусæджы ном. Рухсмæ рахæссын ын бантыст фынддæс поэтикон æмбырдгонды бæрц: "Мæ зарджытæ" (1952), "Зæрдæйæ-зæрдæмæ" (1956), "Суадон" (1960), "Царды фæндæгтыл" (1964), "Уæзæг" (1968), "Æвзæрст уацмыстæ (1972), "Агурын ме "взонгад" (1975), "Фондз чызджы зарæг" (1978), "Æвзæрст уацмыстæ" (1982), "Горячие камни" (рацыд Мæскуыйы, рауагъдад "Советский писатель"-ы 1982-æм азы), "Цард æмæ мæлæт" (1986), "Фыццаг уарзт" (1989), "Зæрдæйы хъуырдухæнтæ" (2003), "Гуыргъахъхъ фæндæгтæ" (2011) æмæ æнд.

Уацмыс "Горячие камни"-йы тыххæй йын 1982-æм азы лæвæрд æрцыд республикæйы Министрты Советы преми "Фондзазоны азфыссæг".

Ног хабӕртты лентӕ
0