ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 16 январы райста дæргъвæтин отпуск, фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.
"Хуссар Ирыстоны президент отпусчы уæвы 16-æй 26 январьмæ. Президенты хæстæ ацы рæстæг æххæст кæндзæн ХИ хицауады сæрдар Пухаты Эрик", — фехъусын кодта Гасситы Дина..
Йæ ныхæстæм гæсгæ, отпусчы рæстæджы президентæн паддзахадон уагдæтты хистæртæ информаци дæтдзысты републикæйы уавæр æмæ сæ куысты тыххæй.