Гасситы Мурæт: мæ сæрмагонд цард иууылдæр у бокс

© FacebookМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы чемпион Ирыстонæй радзырдта йæ хисæрмагонд царды æмæ иууыл зынаргъдæр адæймаджы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik, Козаты Диана. Дунейы чемпион Гасситы Мурæты хисæрмагонд цард ныртæккæ иууылæр у бокс, уый ахсы йæ суткæйы 2/3 хайы, ныффыста спортсмен йæ аккаунты Instagram.

"Мæн иудадзыг фæрсынц мæ сæрмагонд царды тыххæй æмæ цавæр чызджытæ цæуынц мæ зæрдæмæ. Ныртæккæ мæ хисæрмагонд цард иууылдæр у бокс. Уый ахсы мæ суткæйы 2/3 хайы", — фыссы чемпион.

Мурат Гассиев Юниер Дортикос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чи рамбулдзæн Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тохы: профессионалты прогнозтæ

Уый банысан кодта, зын кæй у дзурын сывæллæтты хъомыл кæныныл, бинонты хицау куы нæ уай, уæд. Спортсмен нæ дызæрдыг кæны иу хъуыддаджы – уый сараздзæн æппæтдæр, цæмæй уыдон уой хæларзæрдæ, хъомыл æмæ райсой хорз ахуырад.

"Уый фæстæ та сæхæдæг равзарæд сæ цардвæндаг – аивад, спорт, науæд та, юриспруденци", — загъта Гасситы Мурæт.

Уый ма ныффыста, иууыл зынаргъдæр адæймаг ын кæй у йæ мад æмæ бæллы, цæмæй йын æппынæдзух рухс кæна йæ зæрдæ.

"Тынг мæ фæнды, цæмæй царды цæмæйдæриддæр уыд цух, уыдонæй ныр уа хайджын. Нæ бинонтæн ныры онг нæ уыд нæхи цæрæнуат, уымæ гæсгæ ныртæккæ мæ мадыл ис æвæрд ахсджиаг мисси – фатеры цалцæг æмæ хæрзарæзтад. Мæ бæллиц у, цæмæй уа амондджын ", — ныффыста боксер.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт балæвар кодта 25 билеты йæ тохмæ

Уый ма банысан кодта, ныры онг дæр бирæ цæуылдæрты кæй ахуыр кæны йе ′фсымæрæй, уый мæ дары тонусы, контроль мæ кæны 24 сахаты суткæйы".

"Уый мæ бахызта æвзæр компанитæй, йæ фæрцы æз иуварсгонд æрцыдтæн бирæ проблемæтæй. Хистæр æфсымæр кæддæриддæр у дæнцæг кæстæрæн. Уымæ кæсгæйæ мæн фæндыд рауайын хæларзæрдæ, æргом, тыхджын, аккаг адæймаг", — загъта Гасситы Мурæт.

Гасситы Мурæт 3 февралы Сочийы Ихын галуан "Большой"-ы аренæйыл фембæлдзæн Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналист Юниер Дортикосимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0