Хуссар Иры прокуратурæ фехъусын кодта Дудайты Марикы марæджы ном

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæДамбаца
Дамбаца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Слестгæнæн органтæ сбæлвырд кодтой Дудайты Марикы марæджы ном, уый разынд йе ′мхъæуккаг

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Арцеуы хъæуы цæрæг, 32-аздзыд Хъазиты Вячеславы ныхмæ, йе ′мхъæуккаг Дудайты Марикы амарыны хъуыддагмæ йæм зæрдæ кæй æхсайы, уый тыххæй, фехъусын кодтой æртыццæджы ведомствæйы пресс-службæйы.

Фыдракæнд æрцыд дыццæджы изæрæй Цхинвалы районы Арцеуы. Фыдгæнæг дыууæ хатты фехста Марикы сæр, уый фæмард бынаты.

Дудайты Марик - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ-ы бæстондæрæй радзырдтой Дудайты Марикы амарыны тыххæй

"Ацы факты фæдыл генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "лæгмард" æмæ "хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ æнæзакононæй химæ дарыны" статьяты фæдыл. Ныртæккæ уагъд цæуы мадзæлтты комплекс, кæцытæ здæхт сты фыдракæнды æууæлтæ иууылдæр æмæ Хъазиты Вячеславы уæвынады бынат сбæлвырд кæнынмæ", — банысан кодтой генералон прокуратурæйы.

Фыдракæнд сæвзæрын кодта стыр резонанс Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ Дудайты Марикы хорз зыдтой республикæйы.

2000-æм æзты райдианы гуырдзиаг сæрмагонд службæтæ райдыдтой йæ фæдыл зилын. 2004 азы бабадтысты йæ размæ, Дудайты Марик уæззау цæф фæцис æмæ йæ авд æхстимæ бакодтой гуырдзиаг ахæстоны, цæй фæстæ йын стæрхон кодтой 23 азы ахæстоны фæбадын. Алыхуызон барадхъахъхъæнæг организацитæ æмæ Хуссар Ирыстоны хицауад истой бирæ мадзæлттæ, Дудайты Марикы ссæрибар кæныны фæдыл. Уый арвыста ахæстоны аст азы æмæ æрæздæхт 2013 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0