ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар УФ-йы Гасситы Знауыр фембæлд Кутафины номыл Мæскуыйаг юридикон академийы минæвæрттимæ – æхсæнадæмон æмгуыстады управленийы сæргълæууæг Ксения Машкова æмæ тæрхондонон æмæ прокуророн-слестгæнæн архайды кафедрæйы профессор Джиоты Сосланимæ.
Дипломатон минæварады пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Мæскуыйаг юридикон академи æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты æхсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинады ранæуæггонд проектыл, йæ бафыстыл æмæ уый фæдыл Мæскуымæ ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадимы визитыл.
"Фарсытæ равдыстой ныфс, æмархайд кæй арфдæр кæндзæн, æруынаффæ кодтой уæлдæр ахуырадон уагдæтты æхсæн æмгуыстады перспективæтыл. Фембæлды ма дзырд цыд хуссарирыстойнаг министрæдтæ æмæ ведомствæты кусджытæн квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ сорганизаци кæныны фарстыл дæр", — банысан кодтой пресс-службæйы.
Фембæлды райста хайад минæварады уынаффæгæнæг Джиоты Ӕхсар.