Медойты Дмитрий хайад райсдзæн Науруйы хæдбардзинады боны цытæн мадзæлтты

© МИД РЮОМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæг райсдзæн хайад Науруйы хæдбардзинады сæххæстыл 50-азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты

ЦХИНВАЛ, 23 янв— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий ацæудзæн Наурумæ республикæйы президент Барон Дивавеси Вакайы фæхуындмæ гæсгæ, хъусын кæны æддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæг.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий æмæ Григорий Карасин æрдзырдтой æддагполитикон координаци сфидар кæныныл

Министры визит райдайдзæн цыппæрæмы, 25 январы æмæ адарддæр уыдзæн 1 февральмæ.

"Медойты Дмитрий 31 январы райсдзæн хайад Науруйы хæдбардзинады сæххæстыл 50-азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Визиты фæлгæтты министр фембæлдзæн Науруйы президент Барон Дивавеси Вакаимæ, уыдон æруынаффæ кæндзысты дыууæ бæстæты æхсæн æмгуыстады райрæзты уавæр æмæ фадæттыл, афтæ ма æмархайдыл æхсæнадæмон хъуыддæгты", — фехъусын кодтой ФХМ-ы.

Фарон ноябры Хуссар Ирыстон æмæ Науруйы президентты бадзырдмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы минæварæй Науруйы ФХМ-ы цур нысангонд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Ног Зеландийы æмбæстаг Битеты Таймураз.

Науру нысан кæны Хæдбардзинады бон 31 январы. Республикæ банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0