Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой "Юность России"-йы

© Sputnik / Плиты ФатимæБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинæгтæ Гæджиты Гурам æмæ Кокойты Аслан
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинæгтæ Гæджиты Гурам æмæ Кокойты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты уæлахиздзау Кокойты Аслан йæхицæн бакодта фæндаг Уæрæсейы фыццагадмæ, дыккаг призер Гæджиты Гурам та æввахс рæстæджы ацы ерыстæм балцæгыл стох кæндзæн Беслæны

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Дыууæ цхинвайлаг боксеры расгуыхтысты æппæтуæрæсейон ерыстæ "Юность России"-йы. Кокойты Аслан æмæ Гæджиты Гурам райстой фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер, спорты мастер Дзигойты Ацæмæз.

Фыццаг бынаты хицау – Кокойты Аслан йæхицæн бакодта фæндаг уæрæсейы фыццагадмæ, Гæджиты Гурамæн та ма иу фадат уыдзæн бахауын ацы ерыстæм.

"Юность России"-йы Кокойты Аслан 41 кг уæзы разынд иууыл тыхджындæр æмæ уалдзæджы архайдзæн Уæрæсейы фыццагады. Кæд тæрхонгæнджытæ Гурамы та сæвæрдтой дыккаг бынатыл, уæддæр у диссаджы боксер æмæ ма  хъуамæ иу хатт стох кæна Уæрæсейы фыццагадмæ балцæгыл. Ныридæгæн нæхи цæттæ кæнæм Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм, кæцытæ сты æвзарæн Уæрæсемæ", — радзырдта тренер.

Ерысты уæлахиздзау Кокойты Аслан ныридæгæн улæфы ерысты фæстæ, фæлæ фæстæдæр бавналдзæн стырдæр ерыстæм йæхи цæттæ кæнынмæ.

"Юность России"-йы мын тох уыд, уымæй размæ ерыстæ кæмæн фембыл дæн, ахæм лæппуимæ. Ацы хатт та йæ æз рамбылдтон. Фарон ма мын уыд фадат сархайын Уæрæсейы фыццагады, фæлæ уæд мæ гæххæттытæ уагыл арæзт нæ уыдысты æмæ мæ уый аххосагæй нæ бауагътой. Фæлæ ерын алцæмæй дæр дæн цæттæ", — радзырдта Аслан.

Спортсментæ цæттæ кæнынц Сывæллæтты боксы скъолайы тренертæ  Дзигойты Ацæмæз æмæ Кокойты Мураты къухдариуæгады бын. Кокойты Аслан ма "Юность России"-йы агъоммæ рацыд цæттæгæнæн ахуыртæ Беслæны Кокойты Хъазбег æмæ Кокойты Игорьмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0